«Осень 2024»

Урок осетинского языка в 5 классе "День рождения"

Урок осетинского языка в 5 классе для детей не владеющих языком. Основные цели урока: развивать разговорную речь; прививать уважительное отношение к старшим и дружеское отношение к сверстникам.

Олимпиады: Обществознание 5 - 11 классы

Содержимое разработки


Урочы темæ: «Зæлинæйы гуырæнбон»

Грамматикон темæ:Мивдисæг.

Урочы нысантæ:

1.Скъоладзауты дзырдуат фæхуыздæр кæнын.

Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.

2.Бакусын мивдисджыты ифтындзæгыл.

3. Ахуырдзауты ахуыр кæнын кæрæдзийæн æмæ хистæртæн æгъдау дæттын.

Урочы хуыз: Урок – экскурси.

Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, иллюстрацитæ, нывтæ.


Урочы цыд:

Бацæттæгæнæн рæстæг

1.Мотивацион уавæр.

Ахуыргæнæг:Уæ бон хорз зынаргъ уазджытæ. Уæ бон хорз сабитæ. Сегодня такой прекрасный день. Как вы уже успели заметить: сегодня у нас много гостей на уроке, мы рады им, будем стараться работать хорошо, активно, творчески. Пожелаем себе успехов.


Сабитæ, уæ тетрæдтæ æмæ ручкæтæ барæвдз кодтат?

Сбадут уæдæ. Абоны урок уын бирæзонындзинæдтæ æрхæссæд.


II Урочы æрмæгыл куыст.

1.Ахуыргæнæг: Фæйнæгыл ис дзырдбыд æмæ йæ куы баххæст кæнæм, уæд сбæрæг кæндзыстæм нæ урочы темæ, абон цæуыл дзурдзыстæм, уый. Æркæсут нывтæм æмæ сæ иронау ныффыссут. Ссарут дзырдбыды сæйраг дзырд. (Скъоладзаутæ æххæст кæнынц дзырдбыд).


Сæйраг дзырд – бæрæгбон.

Ахуыргæнæг: Куыд тæлмац кæны уырыссаг æвзагмæ бæрæгбон.

Ранымайут ма цавæр бæрæгбонтæ фæбæрæг кæнут, уыдоны.

(Ногбон-Новый год, куадзæн – пасха, 8-æм мартъи, гуырæн бон - день рождение æмæ а. д.)


Бакæсут ма мæнæ презентацимæ æмæ зæгъут, цавæр бæрæгбоны кой дзы кæнынц æмæ йæ цæмæй базыдтат?(Фæйнæгыл презентаци сывæллæтты хуызистытæ æмæ зарæгимæ.)

(Презентацийы æвдыст цæуы гуырæнбон, хуызистытæ нæ гуырæнбонты датæтимæ. Абон дзурдзыстæм гуырæнбоны тыххæй)


Ахуыргæнæг: Уæдæ нæ абоны урочы темæ у Зæлинæйы гуырæн бон.

Грамматикон темæ: Нырыккон афоны мивдисджытæ.

Мах нæхи цæттæ кодтам Зæлинæйы гуырæнбонмæ.

Байхъусæм ма лæмбынæг Зæлинæ æмæ Ацæмæзы ныхасмæ.


Зæлинæ. Ацæмæз, тагъд уазджытæ æрбацæудзысты, æмæ фынг арæвдз кæнæм.

Ацæмæз. Арæвдз кæнæм, фæлæ, уазджытæ цал уыдзысты, уый зоныс?

Зæлинæ. Зонын. Хуынды гæххæттыттæ радтон Янæйæн, Муратæн, Тимурæн, Батрадзæн, Аминæтæн.

Ацæмæз. Алинæйы ферох кодтай.

Зæлинæ. Хуынды гæххæтт мæ къулыл бакодтон æмæ йæ иннæтæ дæр фендзысты.

Мæнæ ахæм.

Мæ зынаргъ æмкъласонтæ!

Дыццæджы уыдзæнис мæ гуырæн бон æмæ уæ нæхимæ хонын!

Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн цыппæрдæс сахатыл.

Мæ адрис:г.Дзæуджыхъæу, Коцойты Арсены уынг, 56-æм хæдзар, 17-æм фатер

Зæлинæ.


Ахуыргæнæг: Как видите дети и вы получили приглашения, так что надо идти в гости к Залине. Тот, кто хочет посмотреть, как празднуют дети, хочет повеселиться должен перевести слова, которые должны были выучить дома. Иначе в гости идти бесполезно.

Сывæллæттæ, иууылдæр райстат хуынды гæххæттытæ æмæ цæуын хъæуы гуырæнбонмæ. Фæлæ цæуыны бар ис æрмæстдæр хæдзармæ уын цы дзырдтæ лæвæрд уыдис , уыдон чи зоны, уымæн.

Сбæрæг кæнын дзырдтæ

Дыууæ сахатмæ æввахс-около двух часов

Бæрæгбон арæзт- в праздничных нарядах

Райдзаст-светлый

Аив-аккуратный

Æфснайд- убранный

Фынджы уæлхъус- за стол

Бæгæныйы дурын-кувшин пиво

Сыкъа-рог

Уæлхъус-около

Ацамыдта –показал

Байдзаг кодта- наполнил

Ныффу кодтой-задули

Ссыгъта- зажёг

Ацахуыста- пригубил


Ахуыргæнæг: Æппæтæн дæр цæуыны бар ис гуырæнбонмæ.

Фæлæ цавæр лæвæрттимæ цæуыт Зæлинæмæ, уый ма радзурут .

(Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц)

Æз Зæлинæйæн æрбахастон арфæйы гæххæтт. (Цалдæр ахуырдзауы кæсынц, хæдзары цы арфæйы гæххæттытæ бацæттæ кодтой , уыдон)


Дæ райгуырæн боны тыххæй дын зæрдиаг арфæ кæнын.

Æнæниз , амондджын у.

Ахуыргæнæг: Чи ма уæ цы лæвар æрбахаста.

(Скъоладзаутæ дзурынц сæ лæвæрттæ.)

Ахуыргæнæг: Хорз бацæттæ кодтат уæхи гуырæн бонмæ, уæдæ фæцæуæм бæрæгбонмæ.


Презентаци.

(Ахуырдзаутæ кæсынц текст «Зæлинæйы гуырæнбон» презентацийы хуызы æмæ йæ тæлмац кæнынц).


Ахуыргæнæг: Теперь посмотрим, кто из вас принимал активное участие на празднике, а кто просто зевал.

Ныр та æркæсдзыстæм чи уæ активонæй архайдта бæрæгбоны, чи та йæ ком ивæзта.

Фарстытæ текстмæ?

1.Кæд æрбацыдысты Зæлинæ æмæ Ацæмæзы æмбæлттæ?.

2.Цы æрбахастой Зæлинæйæн?

3.Кæдæм бахуыдта Зæлинæ йе мбæлтты?

4.Кæм æрбадын кодтой лæппутæ æмæ чызджыты?

5.Чи æрбацыдис уазджытæм? Цы æрбахастой семæ?

6.Цал азы сæххæст ис Зæлинæйыл?

7.Цы ми бакодтой Зæлинæ æмæ Таймураз, Аминæт тъорты цырæгътæ куы ссыгъта, уæд?


Чиныгимæ куыст

Ахуыргæнæг:Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, куыд дардтой сывæллæттæ сæхи хистæры раз? Тексты ссарут фарстатæн дзуæппытæ.

( Куы æрбацыдис, уæд сыстадысты).

Ахуыргæнæг:Куыд дардта йæхи Ацæмæз хистæры раз?Уыцы рæнхъытæ ссарут тексты.

(Йæ къухæй йын сыкъа райста æмæ йæ байдзаг кодта бæгæныйæ, стæй йæ радта зæронд лæгмæ).

Ахуыргæнæг:Цавæр хатдзæг скæндзыстæм нæхицæн ацы текстæй. (Сабитæ хистæрæн лæггад кæнын хъуамæ зоной, аргъ кæнын зоной?

Ахуыргæнæг:Уæдæ ма бакæсæм хъуыдыйæдтæ хистæр æмæ кæстæры æхсæн цы ахастытæ вæййы, уый тыххæй æмæ сын сæ тæлмацтæ ссарæм.


Хистæрæн фæндаг дæттын хъæуы.

Кæстæр хистæрæн лæггад кæны.

Хистæры коммæ кæсын хъæуы.

Хистæр дзуры, кæстæр хъусы.


Старших надо слушаться.

Старшему нужно уступать дорогу.

Младший прислуживает ( оказывает уважение) старшему.

Старший говорит, младший слушает.


(Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц æмæ бæлвырд кæнынц, куыд æмбарынц хъуыдыйæдтæ, уый).

Ахуыргæнæг: Сымах дæр хъуамæ афтæ кæнат.

УЛÆФТЫ РÆСТÆГ.

Ахуыргæнæг: Хъуыдыйæдты ис дзырдтæ: дæттын, лæггад кæнын, коммæ кæсын, дзуры, хъусы .Цавæр ныхасы хæйттæ сты ацы дзырдтæ? (Мивдисджытæ)

Ахуыргæнæг:Уæдæ нæ нæ урочы грамматикон темæ та цы у?(Мивдисæг).

а)Цы зонæм мивдисæджы тыххæй?

(Мивдисæг æвдисы предметы архайд æмæ дзуапп дæтты фарстатæн цы ми кæны? Цы кæны?)

æ)Цал цæсгомы ис мивдисæгæн?

(Æртæ цæсгомы:фыццаг, дыккаг, æртыккаг)

б)Цал афоны?(Æртæ афоны: нырыккон, суинаг, ивгъуыд)


Ахуыргæнæг: Фæстаг хъуыдыйады ис дыууæ мивдисæджы дзуры æмæ кæсы. Кæцы афоны , нымæцы æмæ цæсгомы мивдисджытæ сты?

Аифтындзæг сæ кæнут.


Хæс:Хъуыдыйæдтæ цухгонд мивдисджытæй баххæст кæнын.

Хистæртæ уатмæ куы 'рбацыдысты, уæд сывæллæттæ… .

Тембол сын йæ къухæй ацамыдта, æрбадут, зæгъгæ. Уыдон… . Ацæмæз зæрон лæджы къухæй… дурын,… бæгæныйæ байдзаг кодта æмæ йæ… … … радта. Йæхæдæг та дурынимæ йæ уæлхъус… .


(Сбадтысты, райста, сыкъа, фыды фыдмæ, æрлæууыдис, сыстадысты).








Хæс:Равзар раст вариант.

ацыдысты


Зæлинæ æмæ Ацæмæзы æмбæлттæ

æрбацыдысты

сыстын кодтой.

Лæппутæ æмæ чызджыты фынджы уæлхъус

æрбадын кодтой

хистæры бынаты

Зæлинæ æрбадтис

ноггуырды бынаты

донæй

Лæппу дурын сыкъа байдзаг кодта

бæгæныйæ


Ахуыргæнæг: Ныр та ма байхъусæм Зæлинæйы дадайы куывдмæ.

Чи зоны йæ нæ бамбардзыстут, фæлæ уæм куыд кæсы, цавæр арфæтæ хъуамæ ракодтаид дада йæ гыццыл чызгæн æмæ сабитæн?

Что он мог пожелать Залине и детям?

( Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц).


Ахуыргæнæг:Уæдæ æцæгæй афтæ у ,æви нæ, уый та базондзыстæм иннæ урочы.Уæхимæ сахуыр кæндзыстут тексты бынмæ цы дзырдтæ лæвæрд ис уыдон æмæ лæмбынæгдæр адзурдзыстæм дадайы куывдыл.



Урочы хатдзæгтæ.Рефлекси ?

-Кæмæ уыдыстæм абон уазæгуаты?

-Цы фæцыд уæ зæрдæмæ ацы урочы?

-Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ ?


Хæдзармæ куыст:

Сахуыр кæнын дзырдтæ, 20-æм фæлтæрæнæн йæ 2-аг хай.


Ахуыргæнæг: Ныр та уæ алчидæр йæ дзуаппытæн раст аргъ скæнæд æмæ йæхицæн райсæд мæнæ ацы рæсугъд бæрæггæнæнтæй, æз та йын æй журналы сæвæрдзынæн.

Получите свидетельство о публикации сразу после загрузки работы



Получите бесплатно свидетельство о публикации сразу после добавления разработки


Серия олимпиад «Осень 2024»



Комплекты учителю



Качественные видеоуроки, тесты и практикумы для вашей удобной работы

Подробнее

Вебинары для учителей



Бесплатное участие и возможность получить свидетельство об участии в вебинаре.


Подробнее